Гаглойты Алан радта барамынд сифтонг кæнын зианбаййафæг бинонты хæдзарæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дыццæджы бабæрæг кодта зианбаййафæг бинонты, уыдонæн горæт Цхинвалы Сомихæгты уынгыл сæ хæдзар ныппырх.
Президент радта барамынд ссарын æхсæз адæймагæн æххуырсты фатер æппæт æнцоуæттæй арæзт æмæ цыбыр æмгъуыдмæ аскъуыддзаг кæнын фарст æдзухон цæрæнуатимæ.

"Бинонтæ æнæ зианæй кæй аивæрзтысты, уый у æппæты сæйрагдæр. Мах сараздзыстæм æппæт, цæмæй уын баххуыс кæнæм", - загъта Гаглойты Алан.

Куыд фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службæ,афтæмæй цæрæг хæдзары цар æркалд хуыцаубоны 19 ноябры. Плиты мыггаг зиан нæ баййæфта, уыдоны президенты бырамындмæ гæсгæ уыцы бон бакодтой уазæгдонмæ.