ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Ленингоры Гом ахуырадон центры нысæнттæй иу у ахуыргæнджыты куысты ног форматы презентаци æмæ апробаци рухстауæгон мадзæлтты фæлгæтты.
"Ахургæнджытæн ауагътой экскурси-лекци "Путешествие в мир русского слова". Тьюторæй ралæууыд центры директор Владимир Богданов", - фехъусын кодтой районы пресс-службæйы.
Куысты фыццаг такты "экскурсийы" хайадисджытæ базонгæ сты уырыссаг æвзаг, литературæ æмæ сæ амоныны методикæйы доцент Инесса Кириченкойы лекцийы æрмæджытимæ. Уый фæстæ ахуыргæнджытæ æрæвнæлдтой къордон куыстмæ: æрныхас кодтой æвзаг фесафыны проблемæтæ, дзурджыты дунейы тыххæй æмбарынады равдыст, ауагътой экскурс уырыссаг æмæ англисаг дзырдты этимологи, ирон æвзаджы реалитимæ абаргæйæ.