Дæллаг Нартæн лæппу райгуырди, Уæллаг Нартæн та чызг. Дыууæ дæр иу æхсæв. Лæппу-иу авдæнæй сбырыди æмæ-иу ноггуырд чызгмæ бахъуызыди æмæ-иу æхсæв-бонмæ йемæ фæци. Уыйадыл гыццыл чызгыл йæ авдæнбæттæнтæ нал æххæссыдысты. Дис кодтой, уæдæ нæ чызг цæмæй дæнгæл кæна, зæгъгæ. Уалынмæ чызгæн лæппу райгуырди – йæ цокора сыгъзæрин, ахæм.
Сатанамæ фæуадысты: "Нæ чысыл чызг лæппу куы ныййардта!".
- Быны хъæр уæ рацæуæд! Уый уæ Дæллаг Нарт куы фехъусой, уæд уæ фæндырты фæцæгъддзысты…