ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Сектор Газайы конфликт æрнывыл кæныны фæдыл контактон къорд ауадздзæн баныхас Мæскуыйы дыццæджы, фехъусын кодта РИА Новости Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадыл (ФХМ) æнцойгæнгæйæ.
Уый размæ Турчы ФХМ разамонæг Хакан Фидан банысан кодта, контактон къорд кæй сарæзтой авд бæстæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры: Турк, Индонези, Нигери, Иордани, Египет, Катар æмæ Саудон Арави. Къорд саразыны фæдыл скъуыддзаг рахастæуыд 11 ноябры Исламаг æмгуыстады организаци æмæ Арабаг паддзахæдты лигæйы саммитыл Эр-Рияды. Контактон къорды сæйраг нысан у хæстон архæйдтытæ æвæстиатæй æруромын æмæ æрбаласын гуманитарон æххуыс Газамæ.
Контактон къорд æртыццæджы та ауадздзæн фембæлдтæ Лондон æмæ Парижы, нывæсты сты фембæлдтæ Великобританийы премьер-министр æмæ Францийы президентимæ.