Цыппæрæмы, 23 ноябры, боны дыууæ сахаты Sputnik пресс-центры ацæудзæн мастер-класс "Нейрохызæгтимæ куысты дæсныйад: куыд саразæн ис иу адæймагæй æнæхъæн фадыг" рухстауæгон программæ SputnikPro-йы фæлгæтты.
SputnikPro – æхсæнадæмон рухстауæгон проект медиайы фадыджы, уагъд цæуы агентад Sputnik хъæппæрисæй. Проекты модулты амонджытæ сты Sputnik фадгуыты къухдариуæггæнджытæ, афтæ ма æндæр зындгонд уæрæсейаг журналисттæ æмæ эксперттæ. 2018 азы мартæй мастер-класстæ æмæ семинартæ уагъд æрцыдысты дунейы 22 паддзахыды: Арменийæ Индимæ, Грецийæ Китаймæ. Иумæйагæ дзы хайад райстой 3000 мин хъусджытæ 80 паддзахадæй.
Аккредитацийы контакттæ:
Чилæхсаты Наталья
Тел: +7-929-804-24-42
E-mail: n.kelekhsaeva@sputniknews.com
Мадзал ацæудзæн Sputnik Южная Осетия мультимедион пресс-центры, горæт Цхинвалы, Путины уынджы 5 хæдзары, 3-аг уæладзыджы.