Епхиты Тæтæри. Уацмыстæ

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. МЫХЪМЫХЪЫ КÆРЧЫТÆ

Sputnik
— Мæнæ та дзы дыууæ ныххæдмæл!.. — æнкъард æмæ тарст хуызæй загъта Мыхъмыхъ, йæ рахиз къухæй дыууæ урс карчы æрзæбул, афтæмæй. — Уæ судзгæ бон мыл акæна! Ай хæрзбын куы кæнын!.. Цагъды куы фесты иууылдæр!.. Ныр дын уый авд... æмæ кæрчытæ сты, кæрчытæ, схæцæнтæ сыл нæй.
Сыгъдæг хорæй хаст, æмæ цæуылнæ уой фиу, — бакатай кодта Мыхъмыхъы æфсин Госæда, йæ мæллæг даргъ æнгуылдз йæ роцъомæ саразгæйæ. — Афтæ дын хъæуы, уæддæр мæрддзæст дæ... Дæ цæст-иу дзы нæ уарзта аргæвдын, — тæргайхуызæй загъта Мыхъмыхъ.
— Кæд ма дзы æз дæн мæрддзæст?! Сыгъдæг карчы фыдæй хаст куы дæ... Алы къуыри дæр дын дзы иу не 'ргæвдын?
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.