Уалдзæг йæ адджын комытæфæй рæвдауы æрдзы. Бæлæсты къуыбæрттæ ратыппыр сты. Кæрдæг йæхи сæвдыста, цъæх гауызау зыны æнæкæрон быдырты.
Мæргътæ дæр базмæлыдысты. Сауцъиутæ сæхицæн ахстоны бынæттæ агурынц. Дзывылдар æрыздæхтис йæ дард балцæй æмæ лакъон былтыл йæ лыстæг зæнгтыл, хъандзалтыл лæууæгау, гæппытæ кæны дурæй-дурмæ. Ногзад родтæ, уæрыччытæ, сæныччытæ хурмæ сæхи тавынц. Зæхх улæфы.
Адæм сæ уалдзæджы куыстытæм бавнæлдтой. Чи цæхæрадоны хæтæлтæ æмбырд кæны æмæ сыл арт æндзары, чи бæлæстæм зилы — сæ уæлдай хихтæ сын æхсæды, чи хуымтæ аразы лыстæг халсартæн: хъæдындзтæн, булчъытæн, дудгæтæн, цæхæратæн.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.