Сау тымыгъ. Зæронд дугæй – ног дугмæ

Sputnik
Кæддæр, æвзонгæй саджы фисынтыл амад чи уыдаид, ахæм зæронд лæг лæууыд йæ хæдзары рудзынггæрон æмæ, катайгæнгæ, дзырдта:
- Нæ уыдзæн рæстæг хорз, мæ зæрдæ хаты. Мæнгард адæмæн бантысдзæнис алцыдæр, - зæронд лæг уыдис Гæззаты Есе. Йæ хъуыдытæй йæ фæиртæста æвзонг лæппу-лæджы хъæлæс.
- Дæ бонтæ хорз, зæронд. – Зæронд лæг дуарырдæм фæзылд æмæ зæрдæбынæй бацин кодта.
- Аа. Æрбацыдтæ, лæппу?
- Агуырдтай, дам, мæ, Есе, - мидбылхудгæйæ йæм сдзырдта хæдзармæ æрбацæуæг.
- Агуырдтон, дæ, лæппу, агуырдтон. Цалдæр боны куы нæ разындтæ бынаты, кæм уыдтæ, Рутен?...
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.