Цхинвалы ис æртаг, уый нæ уыд республикæйы цалдæр сахаты дæргъы - "Нефтебаза"-йы хистæр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 ноя - Sputnik. Паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы директор Джыгкайты Сослан фехъусын кодта журналисттæн, бензин æмæ дизелон æртаджы дефицит кæй нæ уыд базæйы, уый банысан кодта æрмæстдæр цыбыр рæстæгмæ æртаджы хъуагдзинад.
Джыгкайты Сослан бахахх кодта, кæй сæм ис æртаджы фæсауæрц, кæцы ныридæгæн арвыстой скъолатæ æмæ сабидæтты хъармгæнæн системæты куыстæн. Дизелы аргъ фæфылдæр, фæлæ базæйы уый у асламдæр æндæр рæттæм абаргæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æртагимæ проблемæтæ вæййы Уæрæсейы дæр.

"Ныртæккæ мах уæй кæнæм дизель 65 сомæй. Æндæр рæтты вæййы 67-72,5 сомы. Мах кусæм минусы. Гæнæн ис кæмæдæр мæ ныхæстæ сæвзæрын кæной скепсис, фæлæ рæстдзинад дзурын", - загъта куыстуаты директор.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æртаджы фæстиатæн ис цалдæр аххосаджы – вагонтæ рæгмæ кæй æрцæуынц, Транскамы æвзæр боныгъæды тыххæй уæзласæн хæдтулгæты змæлдыл тобæ кæй сæвæрынц æмæ таможнæйы рæстæгмæ фæурæдтæ.