ЦХИНВАЛ, 28 ноя - Sputnik. ОРВИ фæрынчынуæвджыты нымæц фылдæр кæны алы кары къордты, хъусын кæны Роспотребнадзоры пресс-службæ.
Уыимæ иумæ низ парахат кæны цыппæрæм къуырийы дæргъы æмæ баст у гриппы вирусы хæцынимæ.
Эксперттæ здахынц æмбæстæгты хъусдард вакцинаци саразын кæй у ахсджиаг, низ æмæ йæ фæстиуджытæ ма руадзын тыххæй, уæлдайдæр æдых иммунитетимæ, ацæргæ гоймæгтæ, сывæрджын сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты ᾿хсæн.
Уагдонады банысан кодтой, гриппæй прививкæ чи скодта Уæрæсейы националон кампанийы фæлгæтты, уыдоны нымæц у 75 милуанæй юæрц. Уымæй дарддæр ма фæстаг къуырийы паддзахады регистрацигонд æрцыдысты COVID-19 рынчын 79 мин адæймаджы.