Хуссар Иры уæрæсейаг тæхæджы мæлæты бынаты сæвæрдзысты номарæн дур

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджыты къорд аскъуыддзаг кодта бахæссын хайбавæрд уæрæсейаг солдаттæ æмæ офицерты ном сæнусон кæнынмæ, кæцытæ 2008 азы августы æрцыдысты æххуысмæ ирон адæммæ.
Цалдæр æвзонг лæппуйы нывæндынц сæвæрын номарæн дур æфсæддон тæхæг, майор Владимир Едаменкойы мæлæты бынаты цур, уымæн йæ хæдтæхæг 2008 азы августы æрыппæрстой гуырдзиаг æфсæддонтæ.
"Уыдон уыдысты фыццаг авиакъордтæ, кæцытæ райдыдтой æхсын гуырдзиæгты горæтмæ куы бахызтысты, уæд. Уыцы хæдтæхджытæй иу æрхауд Присы хъæуы цур. Æвæццæгæн, тæхæджы æмбæлттæ ссыдысты ацы бынатмæ æмæ дзы сæвæрдтой чысыл номарæн фæйнæг. Ацы истори мæ зæрдæмæ бахъардта æмæ йæ радзырдтон ме ‘мгæрттæн", - радзырдта Sputnik-æн инициатор.
Æвзонг адæм аскъуыддзаг кодтой саразын ацы ран мысæн бынат æмæ цалдæр боны размæ схастой ардæм 300 кг уæзæн номарæн дур, кæцы сарæзта Присы хъæуы цæрæг. Афтæ ма уыдон æрæмбырд кодтой иу ранмæ хъæды калд хæдтæхæджы хæйттæ.
Алцыдæр цæттæ куы уа, уæд фæсивæды фæнды ссарын Владимир Едаменкойы хиуæтты æмæ сæ фæхонын бакондмæ.
Едаменкойы ном ссардтой ацы аз августы Дзауы районы дæр, цы ран сæвæрдтой Уæрæсейы Хъайтары цытæн дур.
Хуссар Иры уæрæсейаг тæхæджы мæлæты бынаты сæвæрдзысты номарæн дур