Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. I хай. V сæр

Sputnik
Фыццæгæм маймæ ма уыдис дыууадæс боны. Нади хуыцаубоны йæхи Дзæуджыхъæумæ срæвдз кодта. Хазбийы сæ сыхæгтыл бафæдзæхста, йæхæдæг машинæты æрлæууæнмæ араст. Хазби йæ фæстæ чысыл акуыдта, стæй сывæллæттимæ хъазыныл фæци.
Машинæты æрлæууæны сæййæфта кæйдæрты. Дыууæ дзы разынди йæ зонгæтæ æмæ сын сæ къухтæ райста.
Уыдон уыдысты, институты кæимæ ахуыр кодта, ахæмтæ. Ныр та кусынц сыхаг хъæуы æмæ цыдысты Дзæуджыхъæумæ. Кæрæдзийы афæрстытæ кодтой. Кæд хæстæг цæрынц, уæддæр арæх не 'мбæлынц æмæ сыл ныр сæ кæрæдзийы фенд æхсызгон уыди.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.