Цхинвалы уадзынц рейдтӕ парковкӕйы фӕтктӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ӕртыццӕджы ауагътой рейдтӕ Цхинвалы тротуартыл урӕд хӕдтулгӕтӕ сбӕлвырд кӕныны нысанӕн. Инспектортӕ тобӕгонд бынӕтты урӕд транспорт бӕрӕг кодтой ӕмӕ сӕ шофырты ивар кодтой столицӕйы Харебаты Исахъы ӕмӕ Абайты Уасойы уынгтыл.
Паддзахадон автоинспекцийы кусӕг Дзеранты Георгий радзырдта журналисттӕн, ахӕм рейдтӕ сӕм кӕй цӕуы ӕдзух, хатгай сӕм уый тыххӕй бахатынц сӕхӕдӕг цӕрджытӕ дӕр. Тротуарыл урӕд хӕдтулгӕтӕ хъыг дарынц фистӕгӕй цӕуджыты, ӕмӕ уыдон бахъӕуы рахизын фӕндагмӕ, уый та ӕвзарын кӕны аварион уавӕр.
"Фӕткхалджытӕй иутӕ равдисынц ӕмбарынад, аннӕтӕ та барадхъахъхъӕнджытимӕ загъд самайынц. Уавӕрмӕ гӕсгӕ мах фӕткхалджыты ныхмӕ исӕм мадзӕлттӕ, фӕдзӕхст, науӕд та ивар. Ивары бӕрц у 200 сомы", - загъта Дзеранты Георгий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, астӕуккаг нымадмӕ гӕсгӕ, мӕйы дӕргъы уагдон рафыссы 200 гӕххӕтты ӕнӕзакъонон урӕды тыххӕй. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнгӕс рейдтӕ уавӕр хуыздӕрӕрдӕм ивынц.
Цхинвалы уадзынц рейдтӕ парковкӕйы фӕтктӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл