ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik. Уæрæсейаг тыхтæ ссæрибар кодтой цæрæн пункт Артемовское Донецкаг Адæмон Ресубликæйы (ДАР), фехъусын кодтой æртыццæджы Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады.
"Донецкаг здæхтыл æфсæдты "Хуссар" къорды дæлхайæдтæ авиаци æмæ артиллерийы æххуысæй фæхуыздæр кодтой сæ уавæр æмæ ссæрибар кодтой цæрæн пункт Артемовское", - дзырдæуы хъусинаджы.
Донецкаг здæхтыл ма уæрæсейæгтæ фæстæмæ аппæрстой украинæйаг æфсады æртæ атакæйы Шумов, Артемовское æмæ Клещеевкайы районты.
Ныхмæлæууæг иу суткæмæ фесæфта: 250 æфсæддоны, фондз танчы, 12 хæдтулгæйы, артиллерион системæтæ М109 Paladin æмæ М777, дыууæ гаубицайы Д-30 æмæ иу Д-20, залпон æхсты реактивон системæ "Град" æмæ радиоэлектронон тохы станц "Буковель-AD".