ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik. Авдпроцентон таможнæйон фиддон, кæцы Уæрæсейы хицауад бахаста октябры йæ мидæггаг базар æргъты схызтæй бахъахъхъæныны тыххæй, ист æрцæудзæн Хуссар Ирыстонæн азы кæронмæ, радзырдта премьер-министр Джуссойты Константин депутатты корпусимæ фембæлды, хъусын кæны РХИ парламенты пресс-службæ.
"Уымæй дарддæр, УФ Экономикæйы министрадимæ æрныхæсты фæстиуджытæм гæсгæ, банхъардтам квотæтæ æмæ авдпроцентон фиддон сисыны вариант, уыцы фарстытæ уыдзысты скъуыддзаггонд Ног азмæ", - радзырдта премьер депутаттæн.
Джуссойты Константин зæрдыл æрлæууын кодта, ацы фарстыл кæй æрныхас кодтой æрæджыйы РХИ æмæ УФ Социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы рабадты, уæд Цхинвалмæ æрцыдысты уæрæсейаг вице-премьер Александр Новак æмæ экономикæйы райрæзты министры хæдивæг Дмитрий Вольвач. Ныхасæмбалы хъуыдымæ гæсгæ, фембæлд ацыд æнтысджынæй.