ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Кватетрийы хъæуы арæнхъахъхъæнджытæ ссардтой хæстæрмæджытæ, хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Æмбæхсæн 260 нæмыгимæ ссардтой æдзæрæг хъæууон бæстыхайы.
"Хæстæрмæджытæ ссарыны бынатмæ ацыд министрады саперты къорд", - банысан кодтой уагдоны.
Нæмгуытæ райстой æмæ сæ аластой скуынæг кæнынмæ, бафтыдтой министрады.