Израиль сног кодта хæстон архæйдтытæ ХАМАС-ы ныхмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ 1 дек - Sputnik. Израилы хъахъхъæнынады æфсад (ЦАХАЛ) фехъусын кодта, палестинаг змæлд ХАМАС кæй фехæлдта паузæ хæстон архæйдтыты æмæ фехста Израилы территори, уый фæдыл ЦАХАЛ сног кодта хæстон архæйдтытæ Сектор Газайы, хъусын кæны РИА Новости.
"ХАМАС фехæлдта оперативон паузæ æмæ райдыдта æхсын Израилы территорийы рдæм. ЦАХАЛ сног кодта хæстон архæйдтытæ ХАМАС-ы ныхмæ Сектор Газайы", - дзырдæуы Израилы æфсады хъусинаджы.
ЦАХАЛ æмæ ХАМАС-ы æхсæн хæстон архæйдтыты паузæйы æмгъуыд фæцис майрæмбоны, йæ адарддæр кæныны тыххæй официалон æгъдауæй нæ фехъусын кодтой.