Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой СÆО фæмардуæвæг æфсæддонæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 дек – Sputnik. Цхинвалы майрæмбоны афæндараст кодтой йæ æнусон бынатмæ 4-æм æфсæддон базæйы хæстон Бестауты Азæмæты. Уый фæмард хæстон архайды рæстæджы сæрмагонд æфсæддон операцийы.
Æфсæддоны йæ æнусон бынатмæ афæндараст кæнынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, уæрæсейаг минæвар Марат Кулахметов, 4-æм æфсæддон базæйы къухдариуæгад, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæдæтæй.

"Зын у ахæм æвзонг хъайтарæн хæрзбон кæнын. Фæлæ Азæмæт зыдта кæдæм цыд, æмбæрста йæ цард гæнæн ис æмæ æвиппайды æрбаскъуыйа. Ирыстон сæрыстыр у йæ хъайтартæй", - загъта президент.

Бестауты Азæмæт уыд СÆО йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ. Дыууæ хатты фæцæф ис, фæлæ-иу цыбыр реабилитацийы фæстæ баздæхт фронтмæ. Йæ хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинадæн хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй.