Уӕрӕсейы скъолаты гӕнӕн ис бакӕной фӕллойады ӕнӕмӕнхъӕуӕг уроктӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 дек - Sputnik. Уӕрӕсейаг скъолаты 2024 азы 1 сентябрӕй гӕнӕн ис фӕзыной фӕллойады ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уроктӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
Агентад куыд нысан кӕны, афтӕмӕй фӕллойады уроктӕ ӕнхъарынц скъолаты телефонтӕй пайда кӕныныл арӕнӕвӕрдтӕ сӕвӕрыны фӕдыл законмӕ ивындзинӕдтӕ, документы автортӕ сты Паддзахадон думӕйы депутаттӕ спикер Вячеслав Володин ӕмӕ Думӕйы фракциты разамонджыты сӕргълӕудӕй.
"Федералон законы 1 статьяйы 2 пункт (фӕллойады ӕнӕмӕнгхъӕуӕг укрокты фӕдыл) бахиздзӕн йӕ тыхы 2024 азы сентябры", - дзырдӕуы тексты.
Скъолаты телефонтӕй пайда кӕныныл арӕнӕвӕрдтӕ сӕвӕрыны фӕдыл законмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ фӕллойады ӕнӕмӕнгхъӕуӕг урокты фӕдыл райдайӕн ӕмӕ астӕуккаг кълӕсты.