Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ацыд æнæ фыдракæндтæй, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацæугæ къуыри æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй милицийы кусджытæ бæрнмæ æрбаздахтой фондз адæймаджы.
"Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 299 фæткхалды. 13 шофыры скъæрдтой автотранспорт нозтджынæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма министрады банысан кодтой æндæр фæткхæлдтæ дæр: транспорт æнæ бæлвырдгæнæн документтæй скъæрын – 47, светофоры сырх рухсыл аскъæрын – 27, транспортыл скъæрдта гоймаг, кæцымæ нæй бартæ скъæрынæн – 48, ныхмæцæуæн фæндагмæ рахизын – 19 шофыры.