Сау тымыгъ. Саударæджы марой

Sputnik
Сау æвзалы цы хъæу баййæфта, уый сæрмæ уæлмæрды ног ингæнты раз йæ зонгуытыл лæууыд саударæг сылгоймаг. Йæ разы, арты æвзæгтæ уæлæнгай кæй ацарыдтой, ахæм хъæдын тæбæгъы уыдис дыууæ хæбизджыны. Сæ фарсмæ, цъæлбыл æлыгæй конд дурыны та дон. Гуырдзиаг гвардионтæ лæууыдысты уæлмæрды æддейæ. Саударæг сæ не рбауагъта мидæмæ. – Ам æрлæуут. Ма æрбацæут ингæнтæм хæстæг, - загъта сын æмæ уыдон дæр æнхъæлмæ кастысты ирон хæбизджын бахæрынмæ.
- Куыд мæ самыдта къух, афтæ уын арын уæ рухс ном. Æлгъ сыл ма бакæнут, мæ адджын хъæубæстæ, - ингæнтыл йæ дондзаст цæстытæ хæсгæйæ сабыр хъæлæсæй дзырдта сылгоймаг. – Ирон сылгоймаджы ахст цыхтæй сæ скодтон, хойраг дæр ирон куыройы ссад у. Нæхи суадоны донæй та рухсаг ут…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.