ХИПУ доценты схорзæхджын кодтой Путины барамындæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sutnik. Хуссар Ирыстоны иунæг уæлдæр ахуыргæнæндоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент Остъаты Джульеттайы схорзæхджын кодтой Пушкины майданæй.
Хорзæхы тыххæй барамынд бафыста Уæрæсейы президент Владимир Путин.
Остъаты Джультеттайы рахицæн кодтой хорзæхæй стыр хайбавæрды тыххæй Уæрæсе æмæ Белорусийы адæмты культурæты хъæздыг кæнын æмæ æнгом кæныны хъуыддаджы.