Хуссар Ир райсдзæн хайад музыкæйы адæмон фестивалы Нальчикы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sutnik. Хуссар Ирыстон райсдзæн хайад Адæмон музыкæйы II æхсæнадæмон фестиваль "Молодежь. Искусство. Созидание". Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы культурæйы министрады пресс-службæ.
Хуссар Ирыстон æрбавдисдзæн сфæлдыстадон делегаци РХИ сгуыхт ахуыргæнæг æмæ Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны директор – Гæджиты Жаннæйы къухдариуæгады бын. Делегацийы хайад райсдзысты ахуырадон уагдоны уырыссаг адæмон инструментты оркестр, æмæ адæмон инструментты студенткæ Цыхуырбаты Аланæ.

"Фестивалы фæлгæтты ауадздзысты концерттæ, мастер-класстæ, Уæрæсейы сæйраг аивадон дæсныты фембæлдтæ, Хъæрæс-Балхъараг Республикæйы музейтæ æмæ фенддаг бынæттыл экскурситæ. Байгомы æмæ фæуды церемони ацæудзæн Цæгат-Кавказаг паддзахадон аивæдты институты стыр залы", – дзырдæуы хъусинаджы.

Фестиваль ацæудзæн 2023 азы 7-9 декабрмæ Нальчикы.