Парламент сахуыр кæндзæн, куыд æлхæнынц æмæ реализаци кæнынц æртаг Хуссар Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент сарæзта рæстæгмæ къамис æртаджы æлхæд, транспортировкæ æмæ реализаци сахуыр кæныны нысанæн.
Парламентон къамисы сæргъ слæууыд Гаглойты Алан, йе сконды ма сты Джиоты Елена, Къуезерты Аслан æмæ Сланты Иван.
Парламенты спикер Æлборты Алан бахæс кодта бацæттæ кæнын уагæвæрд къамисы архайды фæдыл æмæ æмрæстæджы райдайын кусын банысангонд фарстытыл.