РХИ парламент ралæууыд УФ Совфеды бадзырды ᾿вварс

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Козаты Диана. Парламент ралæууыд УФ Федерацийы Советы бадзырды ᾿вварс, цæмæй АИШ Кубæйы блокадæ мауал кæной экономикон, базарадон æмæ финансон фадгуыты.
Бадзырд райстой ноябры Уæрæсейы Совфеды. Сенатортæ банысан кодтой Уæрæсейы æмæ Кубæйы ᾿хсæн хæларадон ахахстытæ æмæ дарддæр дæр кæй кусдзысты æпппæвæрсонæй кусын ахастытæ фидар кæнынæн, уыимæ иумæ парламентон фадыджы дæр.
Сенатортæ сæ бадзырды æрсидтысты фæсарæйнаг паддзахадты парламенттæ æмæ æхсæнадæмон парламентон организацитæм, цæмæй ралæууой АИШ ᾿рдыгæй Кубæйы блокадæйы ныхмæ, афтæ ма райсой ИНО Генералон Ассамблейæйы æмбæлон резолюци.