Чъребайы, Леуахийы уæллаг фарс дойнаг дур æмæ агуырийæ арæзт къаннæггомау хæдзары рудзынгæй иудзæвгар æнкъардæй фæкаст фæтæнтæконд саулагъз сылгоймаг. Йæ рустыл цы цæссыгтæ æрфæд кодтой, уыдон йæ уæлармæй асæрфта. Цырагъдарæны мыдадзын цырагъ ссыгъта æмæ йæ зонгуытыл æрлæууыд. Уый уыд сомихаг сылгоймаг Сирануш. Хъуыст сылгоймаджы лæгъстæмхасæн сабыр ныхас. Æддейæ, уынгæй та хъуыстис стæм æхсты хъæртæ.
- Дунескæнæг, цы рæстæджытæ ‘ркодта. Аргъуанмæ бацæуæн дæр нал ис. Æмæ ссыгътон мæ хæдзары цырагъ. Мæхиуæтты мын цалдæр азы размæ Турчы зæххыл ацы бон ныццагътой. Мæ иунæг æфсымæр æд зæнæг, мæ хотæ дæр сæ цотимæ уым. Нæ хæдзарвæндагæй ма баззадтæн мæхæдæг. Æмæ ныр хъæды халонау кæуын. Ирон сыхæгтæ мын хорз бæргæ уыдысты…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.