Цхинвалы ацыд тæрхондоны рабадт Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы горæттаг тæрхондон рабадты рæстæджы рахаста зылыны тæрхон Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы цыппар кусæгæн, кæцыты азымджын кæнынц Дзабиты Иналы мæлæты, афтæ ма Хъуылымбегты Герсан æмæ Цхуырбаты Николайы фæнæмыны хъуыддаджы.
Афтæмæй, къуырисæры зылыны тæрхон бакастысты Сланты Ирбег, Багаты Алан, Къозонты Сергей æмæ Годжысаты Зауырæн. Уыдонæй йæхи азымджыныл ничи банымадта.
Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал фæмард 2020 азы августы криминалон милицийы бæстыхайы æрфарсты рæстæджы. Йæ мæлæты фæстæ республикæйы цалдæр мæйы дæргъы цыд æхсæнадон-политикон кризис, кæцы æркодта хицауады отставкæмæ æмæ закондæттæг органы архайды коллапсмæ.
Хъуыддаджы фæдысгæрсты рæстæджы æрцахстой барадхъахъхъæнæг органты цалдæр кусæджы, уголовон хъуыддæгтæ бакодтой раздæры генпрокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ МХМ раздæры сæргълæууæг Наниты Игоры фæдыл.