Цхинвалы цæрæг фæцис сыгъдхъæстæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sutnik. Цхинвалы цæрæг зиан байæфта сыгъдхъæстæйæ, хъусын кæны Хуссар ирыстоны УУМ пресс-службæ.
Цау æрцыд 4 декабы изæры Дзаттиаты уынгыл. Уагдон "Ирвæзынгæнæг" æмæ горгазы службæйы информацимæ гæсгæ, газ рахъардта хъармгæнæн ифтонгадæй раст кæй нæ пайда кодтой, уый тыххæй.
Сылгоймаджы æвæстиатæй баластой рынчындонмæ, ныртæккæ йæ цардæн тæссаг нæу.
Уæлвæткон уавæрты министрад сидынц æмбæстæгтæм, цæмæй цардуагон газ æмæ йæ ифтонгадимæ архайой архæстджынæй.