Цæгат Иры зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik. Мæздæджы зынгсирвæзты рæстæджы хисæрмагонд хæдзары фæмард иу адæймаг, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй зынгсирвæзты фæдыл хъусинаг бацыд радгæсон хайадмæ дыццæджы 21.52 сахатыл.
"Цæрæн хæдзар æхгæд кæрты кæй ис, уый тыххæй сыхæгтæ рæгмæ федтой зынгсирвæзт. Арт хуыссын кæныны рæстæджы зынгфæдисонтæ ссардтой хæдзары хицауы мæрдон буар. 86-аздзыд нæлгоймаг цард иунæгæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зæгъгæ, зынгсирвæзты аххосæгтæ сбæлвырд кæныныл кусынц Фæлварæн зынгфæдисон лабораторийы кусджытæ.