Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады сыстын кодтой ахуырадон фӕдисы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ахуыртӕм цӕттӕкӕнынады фӕлгӕтты ӕфсӕддонты сыстын кодтой фӕдисы, хъусын кӕны республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ахуырадон фӕдисы архайдтой ӕппӕт кусджытӕ, уыдон нысангонд ӕмгъуыдмӕ сӕххӕст кодтой нормативтӕ.
"Нывӕстмӕ гӕсгӕ бакуыстой ӕмӕ басгӕрстой цӕттӕдзинад фӕдисы архӕйдтытӕм, афтӕ ма командӕгӕнджыты фадӕттӕ исын скъуыддзӕгтӕ зын уавӕрты", - банысан кодтой министрады.
Хъахъхъӕнынады министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, ахуырадон фӕдисы рӕстӕджы ма ауагътой радиотренировкӕ дӕр.