Хуссар Иры Знауыры районы ссардтой хæстæрмæджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Аунеуы хъæуы цардуагон агъуысты ссардæуыд хæстæрмæджытæ. Тобæгонд гæрзтæ ссардтой уæрæсейаг арæнгæрон хъахъхъæнджытæ.
Хæстæрмæджыты ᾿хсæн уыдысты алыхуызон калибры нæмгуытæ æмæ æрмон гранатæ.
Бынатмæ рацыдысты сапертæ æмæ раластой хæстæрмæджытæ, цæмæй сæ скуынæг кæной, хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.