Хуссар Ирыстоны Соцфонды æфтиаг 2024 азы гæнæн ис æмæ суа 890 млн сомæй фылдæр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент æрфидар кодта 2024 азмæ республикæйы Социалон фонды бюджет.
Бюджет æмæ фиддонты парламенты комитеты сæрдар Джиоты Еленæйы ныхæстæм гæсгæ, Соцфонды фидæны æфтиаг 2024 азмæ уыдзæн 895 млн 205 мин сомы.
Афтæ ма Джиоты Елена банысан кодта, хæрдзтæ та кæй уыдзысты 854 млн 952 мин сомы. Уыдонæй, 675 млн 27 мин сомы – пенситæ финанс кæнын, 143 млн 208 мины – цæрджытæн æххуысы финанс кæнын, 36 млн 715 мин – æндæр иумæйагон паддзахадон фарстатæ", - банысан кодта уый.
Депутат бафтыдта, Соцфонды бюджеты профицит кæй уыдзæн 40 млн 242 мин сомы.