Нæ рæстæджы хайтартæ: президент Гаглойты Алан фембæлд СÆО зонæйы хæстонтимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik. Гаглойты Алан сæмбæлд Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы хæцæг æфсæддонтæ æмæ бархионтимæ æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ сæ хъæбартырдзинады тыххæй.
"Республикæ сæрыстыр у сымахæй алкæмæйдæр, сымах стут нæ рæстæджы хъайтартæ. Сæрыстыр уæ дæн æз дæр", - загъта Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг.
Президент банысан кодта, паддзахад дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæн æппæтварсонæй хæстонтæ æмæ сæ бинонтæн