Цæгат Ирыстоны хæдтулгæ сæмбæлд поездыл, ис зианбаййафджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik. Дыууæ адæймаджы фæзиан сты поезд æмæ хæдтулгæйы сæмбæлды фæстиуæгæн Цæгат Ирыстоны æфсæнвæндаджы рахизæны, хъусын кæны республикæйы УУМ фæткдаруат.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæндагон-транспортон цау æрцыд Эльхотты хъæуы цур.
"Дæллаг аразгæ æфсæнвæндаджы рахизæны маршрут "Дзæуджыхъæу-Адлер"-ыл цæуæг поездыл сæмбæлд хæдтулгæ ВАЗ-2106. Цауы фæстиуæгæн фæмард сты хæдтулгæйы дыууæ адæймаджы. Поезды, информацимæ гæсгæ, зианбаййафджытæ нæй", - хъусын кæны уагдон йæ Telegram-каналы.