ЦХИНВАЛ, 11 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны иу къуыримӕ ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), авариты фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы амардысты, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Ивгъуыд къуыри республикӕйы фӕндӕгтыл регистрацигонд ӕрцыдысты ӕртӕ ФТЦ. Авариты фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы амардысты ӕмӕ ӕртӕ та райстой цӕфтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, ивгъуыд къуыри республикӕйы территорийыл фыдракӕндтӕ регистрацигонд кӕй не ‘рцыд, алыхуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздахтой ӕртӕ адӕймаджы.
МХМ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 384 фӕткхалды: хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрын – 12, транспорт æнæ бæлвырдгæнæн документтæй скъæрын – 35, светофоры сырх рухсыл аскъæрын – 14, транспортыл скъæрдта гоймаг, кæцымæ нæй бартæ скъæрынæн – 60, фӕндагон нысӕнттӕ фехалын – 126.