Хуссарирыстойнаг дохтыр радзырдта конгрессыл коронавирусы æндæвдадыл нæлгоймæгтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik. Республикон бирæпрофилон медицинон центры дохтыр-эндокринолог Беройты Моника хайад райста терапевтты XVIII национ конгрессы Мæскуыйы.
Уæрæсейаг зонадон медицинон æхсæнады æрвылазон мадзалы Хуссар Ирыстоны минæвар ралæууыд докладимæ коронавирусы инфекцийы æндæвдады фæдыл æвзонг нæлгоймæгтыл.
"Æз архайын зонадон куыстыл ныр цалдæр азы дæргъы, æмæ дæн профессор, Уæрæсейы сгуыхт дохтыр Ашот Мкртумяны аспирант. Нæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады æххуысæй ауагътон иртæстытæ COVID-19-ы æндæвдады фæдыл æвзонг нæлгоймæгтыл. Конгрессы æз ралæууыдтæн докладимæ ацы темæйы фæдыл", - загъта Sputnik-æн Беройты Моника.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, дохтыртæн æнæмæнг у хайад исын ахæм мадзæлтты, цæмæй уыной ивындзинæдтæ медицинæйы къабазы.