Сау тымыгъ. Бындзагъд хъæуы изæрыгон уазæг

Sputnik
Изæрмилтæ сæхи хафын райдыдтой фæздæгдзыд, алайæдзаг къуылдымтыл, афтæ Борæ ныккаст Тихреуы хъæумæ. Сатæг сау, сыгъдæй куы федта йæ цæстыты раз, арæх-иу уазæгуаты кæм уыдис, йæ цæрджыты стырæй-чысылæй кæмæн зыдта, уыцы хъæуы, уæд бæхæй рахауæгау кодта æмæ зонгуытыл лæугæйæ йæ сæр ныххоста. Хъæуы сæр, къуылдымæй райхъуыст йæ богъ-богъ æмæ хъæуы ‘рдæм аппæрста йæхи. Йæ акомкоммæ, уæлмæрдырдыгæй Борæйы ‘рдæм лыгъдысты дыууæ лæппуйы. Уыдонæн дæр хъуыст сæ æрдиаг. Зæронд лæг дзыхълæуд фæкодта. Айхъуыста…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.