ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстоны рдыгæй тыхæй ма пайда кæныны фæдыл документы хъуамæ уой дырыс формулировкæтæ æмæ уа конкретон. Уый тыххæй Sputnik пресс-конференцийыл фехъусын кодта президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, хуссарирыстойнаг делегацийы разамонæг Фæскавказаг æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы Коцты Константин.
Женевайы 5-6 декабры ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дискусситы радон раунд. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ Sputnik пресс-центры ацыд Коцты Константины пресс-конференци.
"Ацы документæн уыд бирæ варианттæ. Зæгъæм афтæ, æмæ уый кодта къаддæр конкретон гуырдзиаг экспертты хъæппæрисæй. Хъæуы æрцæуын уымæ, цæмæй документ уа конкретон æмæ дзы уой дырыс формулировкæтæ, афтæ ма дзы уой йæ къухфыст ыл чи æрæвæрдта, уыдон дæр æмæ тыхæй ма пайда кæныны фæдыл цы гарантитæ дæтты, уыдон", - банысан кодта Коцты Константин.
Паддзахадон уынаффæгæнæг бафтыдта, зæгъгæ, документыл ногæй хъæуы райдайын кусын.