Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XIII сæр

Sputnik
Хур æрныгуылди. Адæм сæ фос æфснайынц. Зæронд лæгтæ ныхасы бадынц æмæ, сæ лæдзджытыл æрæнцойгæмгæйæ, таурæгътæ кæнынц. Бобойы астаздзыд лæппу йæ уисын бæх æрцъыччытæ кодта æмæ уынгты фæтæхы. Уынджы адæм æм цымыдисæй ныккастысты. Лæппу, кæм æй æрлæууын хъуыдис, уымæй дæлдæр æрызгъордта. Æрлæууыдис æмæ фæстæмæ Басилты дуармæ раздæхт.
Басил бадти сæ дуармæ æмæ авджы састæй рæсугъд сыкъа сыгъдæг кодта. Лæппуйы куы федта, уæд йæ сыкъа йæ дыууæ уæраджы 'хсæн æрбакодта æмæ æнхъæлмæ касти, цы зæгъдзæн, уымæ. Лæппу, цыма æцæг бæхыл бадти, уыйау, йæ мидбынаты цоппай кæнгæйæ, радзырдта:
— Бобо афтæ зæгъы, рауай, дам, ма.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.