Хуссар Иры сæйраг наз бæлас байгом уыдзæн 25 декабры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 дек - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы æввахс бонты райдайдзысты æвæрын республикæйы сæйраг наз бæлас, фехъусын кодта Sputnik "Ир-дизайн"-ы директор Кокойты Роман.

"Ногазон наз бæлас Театралон фæзуатыл æвæрын райдайдзысты нæ кусджытæ 15 декабры. Байгом æй кæндзысты 25 декабры", - загъта ныхасæмбал.

Ногазон наз бæлас самал кодта 2017 азы горæты администраци. Мэрийы хъуыдымæ гæсгæ, ахæм наз бæлас къаддæр кæны бирæазон хихджын бæлæстæ ракæныны нымæц.