Уалдзæг йæ тæмæны бацыд. Дæттæ сабухтой, сæ хæл-хæл дардмæ хъуысы, фæбурбын сты. Быдыртæ цъæх адардтой. Кæрдæджы æхсæнæй зынынц алыхуызон дидинджытæ. Сæ адджын тæф фындзыхуынчъытæ рæвдауы æмæ адæймагæн йæ зæрдæ хъæлдзæг кæны. Арвыл иу мигъы цъупп нæй, раст сæгъы цæстау кæй акæнынц, афтæ ирд æмæ копрадзхуыз у.
Хæхты цъуппытæ урс-урсидæй кæсынц быдыртæм.
Цæрын кæй нæ фæнды ахæм рæстæджы?! Суанг ма мæлдзыг дæр бахъæлдзæг, йе 'згъорд фæцырддæр кодта. Мæлдзыг цы? Дуртæм дæр хъары хъарм, цыма рæсугъддæр фесты, афтæ кæсы адæймагмæ.
Абон у Фыццæгæм майы бæрæгбон.
Хур дзæвгар суадаид, афтæ адæм æмбырд кæнын байдыдтой скъолайы кæртмæ.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.