Цӕгат Иры ӕрцахстой украинӕйаг шпионы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik. Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕ Цӕгат Ирыстоны ӕрцахста Украинӕйы 34-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы дӕтта информаци уӕрӕсейаг ӕфсӕддон техникӕйы змӕлд ӕмӕ уӕвынады фӕдыл, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Бӕрӕггонд ӕрцыд, зӕрдӕхсайгӕ радӕтта Украинӕйы Гарзджын тыхтӕн информаци УФ ӕфсӕддон техникӕйы бынат ӕмӕ маршрутты тыххӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Фыдгӕнӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг УФ уголовон кодексы 126-ӕм статьямӕ гӕсгӕ.
Цӕгат Иры ӕрцахстой украинӕйаг шпионы