Цхинвалы фыццаг хатт ацæудзæн бынæттон мастерты ногазон армукъа

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Адæмон мастерты ногазон армукъа байгом уыдзæн Хуссар Ирыстоны столицæйы. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодтой РХИ Культурæйы министрады æвджид адæмон сфæлдыстады центры.
"Хуссар Ирыстоны культурæйы министрад адæмон сфæлдыстады республикон центримæ иумæ ауадздзысты фыццаг Ногазон армукъа. Куырдиæттæ ист цæуынц 15 декабры онг Сывæллæтты библиотекæйы бæстыхайы", - загътой Центры.
Пресс-службæйы кусæг банысан кодта, фыццаг куырдиæттæ мастертæй ныридæгæн æрбацыдысты.
"Армукъайы бавдисдзысты хиарæзт æрмæджытæ, хъазæнтæ æмæ афтæ дарддæр", - банысан кодтой уагдоны.
Армукъа байгом уыдзæн Ногдзауты парчы æмæ цæудзæн дыууæ боны дæргъы – 20-æй 22-æм декабрмæ.