Гаглойты Алан сæххæст кæндзæн интернатты хъомылгæнинæгты ногазон бæллицтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сæххæст кæндзæн республикæйы интернатты фондз хъомылгæнинаджы ногазон бæллицтæ хæрзаудæн акци "Мæ ногазон бæллиц"-ы фæлгæтты.
Хæразаудæн проект ист цæуы ПТРК "Ир"-ы. Проекты хайад райстой Цхинвал æмæ Дзауы скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæ, афтæ ма Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ дæр.
"Сывæллæтты бæллицтæ хъуамæ æххæст цæуой. Ногазон æхсæв уыдон райсдзысты сæ лæвæрттæ", - загъта паддзахады сæргълæууæг.
Президент банысан кодта, йæхæдæг дæр сабибонты кæй фыста фыстæджытæ Митын Дадамæ.
Гаглойты Алан сæххæст кæндзæн интернатты хъомылгæнинæгты ногазон бæллицтæ
Фыстæджыты, кæцытæ систа президент уыдысты велосипедтæ, смартфон, зымæгон дзабыртæ æмæ хъарм костюм.
"Алкæцы сывæллон дæр æнхъæлмæ кæсы лæвæрттæм, хистæр кары царды бæрæгбонон датæтæм ахæм ирд эмоцитимæ нал лæууынц. Кæд æрбаиу уæм, æмæ афтæмæй нысан кæнæм бæрæгбонтæ, уæд уыдон райсдзысты æцæг тых. Абон та мах бафæлвардзыстæм срæсугъд кæнын ацы сабиты бæрæгбонтæ", - загъта президент.
Президент, хицауады уæнгтæ, политиктæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ цыфæнды æмбæстагæн дæр фадат ис хайад райсын æмæ сæххæст кæнын сабиты бæллицтæ.