Хуссар Иры МХМ уадзы рейдтæ пиротехникæ уæй кæныны ныхмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) уадзы рейдтæ пиротехникон æрмæджытæ æнæзаконæй уæй кæныны ныхмæ. Цхинвалы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ иу къуыримæ райстой базарадон объекттæй пиротехникæйы 1300 иуæджы. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Цхинвалы фадыгон милиционер Хæбæлаты Леван.
Мидхъуыддæгты хайады кусæг банысан кодта, Хуссар Ирыстоны законмæ гæсгæ тобæ ис пиротехникæ уæй кæныныл.
"Уæрæсейаг лицензитæ пиротехникæ уæй кæнынæн нæ кусынц Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уый фæдыл мах дарддæр кæнæм нæ рейдтæ, агурæм пиротехникæ, аразæм акттæ æмæ сæ æрвитæм тæрхондоны æркастмæ", - бафтыдта уый.
Рейдон мадзæлттæй дарддæр республикæйы скъолаты æрвылаз уадзынц профилактикон ныхас сывæллæттæ æмæ ахуыргæнджытимæ.
Хуссар Иры МХМ уадзы рейдтæ пиротехникæ уæй кæныны ныхмæ