Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XVIII сæр

Sputnik
Уыдис тар хъуынджын бон. Бæзджын мигътæ арв æмæхгæд скодтой.
Партийы райкомы дуармæ "Виллис" æрлæууыд.
Машинæйæ рахызти, иу-дыууиссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм бæрзонд, бæзæрхыг лæг. Йæ уæлæ фæныкхуыз плащ æмæ хæстон формæйыл хуыд кæрдæгхуыз фуражкæ, йæ къæхтыл бур хром цырыхъхъытæ. Цæсгомæй —зæрдæмæдзæугæ.
Лæг бацыди райкомы секретары кабинетмæ.
— Аслæнбег ам нæй, абон райсомæй колхоз "Кавказ"-мæ ацыд, — загъта йæ секретар.
— Райæххæсткомы сæрдар та?
— Уый ам ис.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.