Джыгкайты Томас: Хуссар Иры тагъд рæстæджы гæнæн ис фæзына МРТ аппарат

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны тагъд рæстæджы гæнæн ис фæзына МРТ аппарат, фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Джыгкайты Томас.
"Тынг ахсджиаг у. Кæд республикæйы ахæм аппарат фæзына, афтæ ма хорз специалист, кæцы йыл кусдзæн, уæд диагностикæйы къабазы гæнæн ис аразын диссæгтæ", - банысан кодта министр.
Хуссар Иры снысан кодтой РБМЦ ног директоры