Сау тымыгъ. Фæстаджы балцы

Sputnik
Афынæй йе ‘мбæхсæн бынаты Борæ, æмæ ныр зарæджы зæлтæм фехъал. Фыны дæн æви? Кæцæй хъуамæ хъуыса ирон зарæг. Сындæггай растад, рахызт æддæмæ. Нал хъуыстис зарæг. Мидæмæ саыр хъæлæсæй бадзырдта: - Растут, мæ хуртæ, цæуын нæ хъæуы. Райхъал ут, мæ лæппутæ.
Уайтагъд йæ цæстытæ æууæрдгæйæ йæ цуры алæууыд Дзамболат.
- Æмæ Дзæрæх кæм ис? – ризгæ хъæлæсæй Дзамболаты афарста Борæ.
- Нæ зонын, - йæ ком ивазгæйæ загъта лæппу.
Борæ æмбæхсæны тыхстæй фæмидæг, хызын йæ къухы, афтæмæй фæстæмæ уайтагъд фездæхт...
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.