Гаглойты Алан сæххæст кодта æхсæз сывæллоны ногазон бæллицтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хæрзаудæн проект "Мæ ногазон бæллиц"-ы фæлгæтты сæххæст кодта интернаттæ æмæ сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты ногазон бæллицтæ. Паддзахады сæргълæууæг радта æхсæз сывæллонæн лæвæрттæ, кæцыты тыххæй уыдон ракуырдтой сæ фыстæджыты Митын Дадамæ.
"Арфæ уын кæнын Ног азы цытæн! Митын Дада мын бахæс кодта рахæссын уæ фыстæджытæ æмæ дзы цы фыстат, уыдон уын раттын. Хорз ахуыр кæнут, цæмæй фидæны сымах уат æнтыстджын æмæ цæсгомджын адæм", - загъта Гаглойты Алан.
Ногазон проект "Бӕллицты фонтан" уагъд цӕуы ПТРК "Ир" фӕзуатыл 2017 азӕй фӕстӕмӕ. Акци уагъд цӕуы сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ скъола-интернатты сывӕллӕттӕн. Афтӕ ма дзы хайад исынц ӕххуысхъуаг бинонтӕй ӕмӕ сахъат сывӕллӕттӕ.
Гаглойты Алан сæххæст кодта æхсæз сывæллоны ногазон бæллицтæ