Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. II сæр

Sputnik
Дзæбæх æрталынг, афтæ Битър йæ "Зыгъары" æрцъыччытæ ласта æмæ хъæуы сæр доны æрбауад. Мухтары бидаркæ куы сцагъта, йæ цæлхытæ доны дуртыл къуырццытæгæнгæйæ, уæд фембæрста, хид ныр къуыри дæр хæлд кæй у, уый.
—Ам хид куыннæ лæууы, уый диссаг у! Цавæр æнæхайыры дон у! —мæстыйæ загъта Мухтар, йæхи Битърыл бауадзгæйæ.
— Кæцæй йыл лæууа, адæмы хуызæн хид ыл никуы уыди æмæ. Хид стыр хъуыддаг у. Хъæубæсты хид нæй, зæгъгæ, уæд уыцы хъæуы хицауад дыууæ капеччы аргъ не 'сты. Дохтыр æрыдойнагæн куыд загъта хиды тыххæй, уый зоныс?
— Битър йæ бæхы цыд фæсабырдæр кодта.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.